Уæрæсейаг БМП-2 скуынæг кодтой дзырдæй ныхмæлæууæджы техникæ ахуырты Хуссар Иры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æфсæддон базæйы пехотæйы хæстон машинæты экипажтæ ахуырты рæстæджы скуынæг кодтой дзырдæй ныхмæлæууæджы техникæ, хъусын кæны УФ Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, æфсæддонтæ кæй фæхуыздæр кодтой хæстон техникæ скъæрыны курдиат, афтæ ма бакуыстой хæстон машинæтæй æхсыныл мысантæм алыгъуызон дистанцимæ.