ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik. Аккредитацийы фæдыл федералон службæ хорзыл банымадта хъæппæрис Уæрæсейы территорийыл хуссарирыстойнаг лабораторитæ саразыны фæдыл. Ацы темæйыл æхсæнадæмон равдыст "Продэкспо-2026"-йы фæлгæтты æрдзырдтой Росаккредитацийы сæргълæууæг Дмитрий Вольвач æмæ Хуссар Ирыстоны базарадон минæвар Уæрæсейы Таймураз Гогинов.
Фембæлды рæстæджы Дмитрий Вольвач бæрзонд аргъ скодта республикæйы продукцийæн.
"Абон Хуссар Ирыстоны стендтæн ис æмбæлон бынат Уæрæсейы егъаудæр хъæууонхæдзарадон æмæ хæлцадон равдысты. Хуссар Ирыстоны продукци кæй популярон кæны, уый руаджы бынæттон амалгæнджытæн ис уæлæмхас фадæттæ райрæзтæн", - банысан кодта Вольвач.
Таймураз Гогинов радзырдта, абоны бон Хуссар Ирыстоны продукци уадзæн куыстуæтты фылдæр хайы ис сæхи лабораторитæ.
"Мах æркæсдзыстæм сæ филиалтæ Уæрæсейы бакæныны фарстмæ. Уый руаджы фæфылдæр уыдзæн контроль базайрæгты гъæдмæ", - бахахх кодта Гогинов.