ЦХИНВАЛ, 16 фев - Sputnik. Президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта РХИ Сбербанчы кусджытӕн сӕ юбилейы цытӕн. Хуссар Ирыстоны Акционерон Сбербанк абон нысан кӕны йӕ сӕвзӕрды 20 азы юбилей.
"Банкон къабаз размӕ цӕуы – районты байгом сты филиалтӕ, уый та фенцондӕр кодта ӕмбӕстӕгты цард. Бузныг уын уӕ куысты тыххӕй, - сымах стут уӕ хъуыддаджы ӕцӕг профессионалтӕ", - бахахх кодта президент.
Гаглойты Аланы зӕрдӕ загъта банчы кусджытӕн профессионалон ӕнтыстытӕ, сабырад ӕмӕ хӕрзӕбон.
Сбербанчы сӕргълӕууӕг Болататы Алана бузныг загъта президентӕн сӕ куыстӕн сын ахӕм бӕрзонд аргъ кӕй скодта, уый тыххӕй.