Хуссар Иры МХМ-ы радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавӕры тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри милици регистраци скодта дыууӕ фыдракӕнды, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Иу къуыримӕ республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы, авариты фӕстиуӕгӕн иу адæймаджы госпитализаци скодтой рынчындонмӕ буары цæфтимæ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 203 фӕткхалды, цыппар шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.