Таможнӕйы комитет 2025 азы бахаста Хуссар Иры бюджетмӕ 600 милуан сомы бӕрц

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Таможнӕйы комитеты сӕргълӕууӕг Цоциты Александр республикӕйы хицауады рабадты рӕстӕджы хатдзӕгтӕ скодта уагдоны куыстӕн 2025 азы.
"Республикӕйы бюджетмӕ 2025 азы комитет бахаста 38,5 проценты фылдӕр фӕрӕзтӕ 2024 азмӕ абаргӕйӕ. Ивгъуыд аз Таможнӕйы комитет бахаста паддзахадон бюджетмӕ 583 милуан сомы, уыдонӕй 10,5 милуан сомы райстӕуыд юридикон гоймӕгтӕй Генпрокуратурӕимӕ иумӕйаг куысты фӕстиуӕгӕн. Ӕфтиаджы ноджы иу ратӕдзӕн у сӕрмагонд таможнӕйон процедурӕты фиддонтӕ, уый фӕлгӕтты сарӕзтой таможнӕйон операцитӕ 3120 транспортон фӕрӕзы фӕдыл. Иумӕйаг таможнӕйон фиддоны суммӕ рацыд 333 милуан сомы бӕрц", - загъта Цоциты Александр.
Комитеты сӕргълӕууӕг бахахх кодта, зӕгъгӕ, 2025 азы фӕфылдӕр сты базайрӕгты декларациты фӕдыл таможнӕйон фиддонтӕ дӕр.
Цоциты Александр