ÆХМ радзырдтой Знауыры районы аварийы бахауæг нæлгоймаджы уавæрыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы 40-аздзыд нæлгоймаг фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн райста буары цæфтæ, медикты йын йæ уавæрæн саргъ кодтой, куыд астæуккаг къæпхæны уæззау. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады (ÆХМ) пресс-службæ.
"Ныртæккæ нæлгоймаг ис дохтырты хъусдарды бын травматологийы хайады. Йæ уавæрæн йын саргъ кодтой, куыд астæуккаг къæпхæны уæззау", - загътой медицинон уагдоны.
Уый размæ хъусын кодтой, Знауыры районы Уахтанайы хъæуы фæсарæйнаг маркæйы хæдтулгæйы шофыр кæй нæ сырæхст скъæрын æмæ сæмбæлд бетонон гæрæныл.