Хуссар Иры Нацбанк ӕрныхас кодта республикӕйы националон фидӕн системӕйы арӕзтадыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Националон банчы сӕрдар Бекъойты Сослан ӕмӕ акционерон ӕхсӕнад "Фидӕн картӕты националон системӕ"-йы гендиректор Дмитрий Дубынин ауагътой фембӕлд, цы ран ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны националон фидӕн системӕйы арӕзтадыл. Уый тыххӕй хъусын кӕны Нацбанчы телеграм-канал.
Акционерон ӕхсӕнады къухдариуӕгад ӕмӕ специалисттӕ ӕвӕрццаг аргъ скодтой Хуссар Ирыстоны националон фидӕн системӕ саразыны фӕдыл фӕндтӕн ӕмӕ бахахх кодтой, цӕттӕ кӕй сты баххуыс кӕнын ацы ахсджиаг проекты реализацийӕн.
Фарсытӕ ма ӕрдзырдтой ӕхсӕнструктурон бадзырд бафыссыны фадӕттыл.