Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 43 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 43 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 43 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонæй 21 Брянскы областы, фӕйнӕ ӕхсӕз – Белгороды областы ӕмӕ Хъырымы Республикӕйы, фондз дроны ӕрыппӕрстой Курскы областы, фӕйнӕ дыууӕ – Ростовы областы ӕмӕ Чувашийы Республикӕйы ӕмӕ иу та – Сау денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 150 украинӕйаг дроны