ЦХИНВАЛ, 18 фев — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдты къорд "Цӕгат"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты рӕстӕджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Харьковка Сумыйы областы. Ӕфсӕдты къорд "Скӕсӕн"-ы хӕстонтӕ та ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Криничное Запорожаг областы, хъусын кӕны Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.
Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзта та ӕрыппӕрстой дыууӕ авиабомбӕйы, залпон ӕхсты реактивон системӕ HIMARS-ы 11 сармадзаны ӕмӕ 155 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты.