Цхинвалы æрцыд ФТЦ, шофыры æрцахстой

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik. Цхинвалы Хъайтарты уынгыл æрцыд фæндагон-транспортон цау, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уагдоны банысан кодтой, аварийы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ кæй нæй.
"Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Toyota Camry хæдтулгæйы шофыр сæмбæлд уæрæсейаг маркæйы хæдтулгæйыл. Аварийы фæстæ фæсарæйнаг хæдтулгæйы шофыр бафæлвæрдта аскъæрын цауы бынатæй, фæлæ йæ æрцахстой милицийы кусджытæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
ФТЦ æууæлтæ бæрæг цæуынц, бафтыдтой министрады.