ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирон спортсмен Абайты Георгий рамбылдта сыгъзæрин майдан Семеновы Кубокыл æхсæнадæмон турниры Ханты-Мансийскы автономон зылды.
Абайты Георгий бацахста фыццаг бынат 79 килограммы уæзы категорийы. Сыгъзæрин майданыл тохы Георгий рамбылдта ноджы иу ирон спортсмен Хъулаты Арсены 7:2 хыгъдæй.
Уымæй дарддæр турниры бронзæ майдантæ рамбылдтой Хуыбежты Тамерлан (79 кг) æмæ Хъотайты Тимур (97 кг).