Цхинвалы 15-аздзыд чызг фæхъæстæ газæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы 15-аздзыд чызджы знон изæр госпитализаци скодтой рынчындонмæ газы фæхъæстæйы миниуджытимæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад (УУМ).
Цау æрцыд хисæрмагонд хæдзары Кировы уынгыл.
"Чызг ис дохтырты хъусдарды бын. Йæ цардæн ницы тас ис", - банысан кодтой министрады.
Ирвæзынгæнджытæ басгæрстой хæдзар, цæмæй сбæрæг кæной цауы аххосæгтæ, бафтыдтой уагдоны.