ЦХИНВАЛ, 24 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг теннисисткӕтӕ рамбылдтой бронзӕ майдантӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццагады 16 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн.
Ерыстӕ цыдысты 18-23 февралы Ставрополы.
Хуссар Ирыстоны уӕлыстъол теннисы федерацийы разамонӕг Джиоты Мириан радзырдта Sputnik-ӕн, Ирыстоны спортивон кад турниры кӕй хъахъхъӕдтой фондз спортсменкӕйы: Майя Касрадзе, Къуылыхты Зӕринӕ, Тедеты Алина, Цхуырбаты Ирина ӕмӕ Габуты Илона. Карз тохы фӕстиуӕгӕн командӕ бацахста ӕртыккаг бынат.
Командон ӕнтыстӕй дарддӕр хуссарирыстойнаг теннисисткӕтӕ сӕхи хорз равдыстой хисӕрмагонд ерысты дӕр. Турниры финалон хаймӕ ахызтысты дыууӕ спортсменкӕйы – Майя Касрадзе ӕмӕ Къуылыхты Зӕринӕ. Майя Касрадзе бацахста 12-ӕм бынат, Къуылыхты Зӕринӕ та – 14-ӕм.
Командӕйы турнирмӕ бацӕттӕ кодтой тренертӕ Уалыты Ирина, Остъаты Лидия ӕмӕ Джиоты Мириан.