ЦХИНВАЛ, 24 фев – Sputnik. Президент Гаглойты Алан бафыста къорд барамынды хицауады ног сконд сфидар кӕныны тыххӕй.
Хъотайты Сӕрмӕт баззадис хицауады сӕрдары хӕдивӕджы – экономикон рӕзты министры бынаты;
Юстицийы министрӕй ногӕй снысан кодтой Джиоты Аланы;
Хъахъхъӕнынады министрӕй – Юрий Яровицкийы;
Мидхъуыддӕгты министрӕй – Мамиты Эриславы;
Уӕлвӕткон уавӕрты министрӕй – Гассеты Ибрагимы;
Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрӕй – Джиоты Ӕхсары;
Арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады министрӕй – Цоциты Зауыры;
Æнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрӕй – Наниты Сосланы;
Хъӕууон хӕдзарады министрӕй – Мамытаты Вахтангы;
Фӕллойы министрӕй – Гаглойты Олегы.
Дыууӕ министрадӕн баивтой сӕ сӕргълӕуджыты. Культурӕйы министр ссис Мамиты Григори, ахуырды министр та – Плиты Риммӕ.
Джиоты Константины суӕгъд кодтой президенты администрацийы сӕрдары хӕдивӕджы бынатӕй ӕмӕ йӕ снысан кодтой хицауады сӕрдары хӕдивӕгӕй.
Февралы парламент сразы Тадтаты Дзамболаты премьер-министрӕй снысан кӕныныл.