Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 79 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 79 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 79 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонæй 21 Белгороды областы, фӕйнӕ 15 – Краснодары ӕмӕ Сау денджызы акваторийы, 11 дроны ӕрыппӕрстой Хъырымы Республикӕйы, фараст – Азовы денджызы акваторийы ӕмӕ фондз дроны та скуынӕг кодтой Саратовы областы" - дзырдӕуы хъусинаджы
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 149 украинӕйаг дроны