ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри милици регистраци скодта цыппар фыдракӕнды, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Иу къуыримӕ республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы, авариты фӕстиуӕгӕн иу адæймаджы госпитализаци скодтой рынчындонмӕ буары цæфтимæ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 216 фӕткхалды, фондз шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.