ЦХИНВАЛ, 25 фев – Sputnik, Тедеты Виктория. Хуссар Ирыстоны командӕ ӕнтыстджын архайд скодта Цӕгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) регионалон ерысты Нальчикы. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта ленк кӕныны тренер Евгения Терлеева.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, турниры хайад райстой 12 командӕйы ӕмӕ 330 спортсмены Кӕсӕг-Балхъар, Цӕгат Ирыстон, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Кисловодскӕй.
"Турниры нын бацархайдтой 38 минӕвары, уыдонӕй 36 бацахстой призон бынӕттӕ ӕмӕ равдыстой цӕттӕкӕнынады бӕрзонд ӕмвӕзад. Нӕ спортсментӕ рамбылдтой 98 индивидуалон майданы, уыдонӕй 47 сыгъзӕрин, 32 ӕвзист ӕмӕ 19 бронзӕ", - радзырдта тренер.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, РХИ командӕ рамбылдта аст эстафетӕйы.
"Эстафетон ленк кӕнынӕй мах райстам ноджы 32 сыгъзӕрин майданы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хорзӕхты иумӕйаг нымӕц у 130", - загъта Евгения Терлеева.
Тренер бафтыдта, зӕгъгӕ, ахӕм ерыстӕ ахсджиаг сты спортсменты мотивацийӕн.