ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Транскавказаг автомагистраль сӕхгӕдтой 15.00 сахатӕй автотранспорты алы хуызтӕн дӕр ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйтӕ ӕрцӕуыны тӕссагдзинады тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).
"Фӕндагон змӕлдыл тобӕй сӕвӕрдтой тыхджын митуард ӕмӕ зӕйтӕ ӕрцӕуыны тӕссагдзинады тыххӕй", - загътой уагдоны.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.