ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бафыста барамынд Плиты Алымбеджы стандартизаци ӕмӕ метрологийы комитеты сӕрдарӕй снысан кӕныны фӕдыл.
Гаглойты Алан дыццӕджы ссӕрибар кодта комитеты сӕргълӕууӕджы бынатӕй Цхуырбаты Зауыры.
Барамынд бафыстой ӕмӕ бахызт йӕ тыхы майрӕмбоны, 27 февралы.