Уӕрӕсейы командӕ ӕнтыстджынӕй бацархайдта ӕхсӕнадӕмон турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Уӕрӕсейаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ Гуӕцӕлты Хадзымурӕты къухдариуӕгады бын рамбылдтой фараст майданы ӕхсӕнадӕмон рейтингон турниры Албанийы.
Ирон специалистӕн уый уыд фыццаг ӕхсӕнадӕмон старт, ивгъуыд къуыри допинг-тестты ӕхсӕнадӕмон агентад куы систа ӕппӕт азымтӕ йӕ ныхмӕ, уый фӕстӕ.
Гуӕцӕлты Хадзымурӕт цыбыр рӕстӕг бакуыста йӕ ӕрыздӕхты фӕстӕ, фӕлӕ уӕддӕр Уӕрӕсейы командӕ бацахста фыццаг бынат турниры командон хыгъды.
Уӕрӕсейаг командӕйӕн сыгъзӕрин майдантӕ ӕрхастой Заур Угуев (61 кг), Ибрагим Кадиев (86 кг), Абдулрашид Садулаев (97 кг) ӕмӕ Абдулла Курбанов (125 кг), ӕвзист майдантӕ рамбылдтой Рамиз Гамзатов (57 кг), Тауитты Чермен (61 кг) ӕмӕ Мухаммед Тахир Ханиев (97 кг), бронзӕ майданты хицӕуттӕ та баисты Ибрагим Ибрагимов (70 кг) ӕмӕ Иналбек Шериев (74 кг).