ЦХИНВАЛ, 2 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембæлд РЦИ-Аланийы официалон минæвар Хъырым æмæ Севастополы, дунеон æхсæнадон палатæйы минæвар Саулаты Валерий æмæ Æхсæнадæмон змæлд "Аланты ныхас"-ы минæвæрттимæ.
Делегаци æрцыд Цхинвалмæ тымбыл фынджы хайад райсынмæ.
Гаглойты Алан фембæлд Æхсæнадæмон змæлд "Аланты ныхас"-ы делегациимæ
"Сымах æрцыдыстут тымбыл фынджы хайад райсынмæ. Уый у ахсджиаг цау. Зонæм æй, Уæрæсейы президент Владимир Путины барамындæй 2026 аз кæй у Уæрæсейы адæмты иудзинады аз. Мах стæм Уырыссаг дунейы хай. Мах стæм иу адæм, кæцытæ цæрынц Ирыстоны цæгат æмæ хуссары. Мах нæ дих кæнæм нæ Райгуырæн бæстæ дыууæ хайыл", - загъта президент.
Æхсæнадæмон змæлд "Аланты ныхас"-ы хуссарирыстойнаг хайады хистæр Тыбылты Леонид фидарæй загъта, æвзонг республикæмæ кæй æнхъæлмæ кæсынц стыр æнтыстытæ.
Саулаты Валерий бузныг загъта республикæйы къухдариуæгадæн хъарм райсты тыххæй æмæ банысан кодта, организаци æппæт дæр кæй аразы адæмты иудзинады тыххæй.
Гаглойты Алан фембæлд Æхсæнадæмон змæлд "Аланты ныхас"-ы делегациимæ