ЦХИНВАЛ, 2 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри милици регистраци скодта дыууæ фыдракӕнды, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Иу къуыримӕ республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууæ фӕндагон-транспортон цауы, авариты фӕстиуӕгӕн цыппар адæймаджы госпитализаци скодтой рынчындонмӕ буары цæфтимæ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 234 фӕткхалды, фондз шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.