Хуссар Иры цæрджытæм æнхъæлмæ кæсынц дæргъвæтин улæфт бонтæ 8 Марты бæрæгбоны цытæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны цæрджытæм æнхъæлмæ кæсынц дæргъвæтин улæфт бонтæ Сылгоймæгты æхсæнадæмон боны цытæн.
"Марты Сылгоймæгты æхсæнадæмон боны цытæн республикæйы цæрджытæ улæфдзысты æртæ боны: 7-æй 9-æм мартмæ", - хъусын кæны РХИ фæллойады министрад.
Хуссар Ирыстоны Сылгоймæгты æхсæнадæмон бон хаст æрцыд бæрæгбонон бонтæ æмæ зæрдылдарæн датæты къæлиндармæ.