РХИ президент бӕрзонд аргъ скодта ПӔК-ы куыстӕн 2025 азы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бӕрзонд аргъ скодта Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) куыстӕн 2025 азы. Уый тыххӕй президент фехъусын кодта комитеты коллегийы рабадтыл ивгъуыд азы хатдзӕгты фӕдыл, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, системон куыст ӕмӕ профилон структурӕтимӕ эффективон ӕмархайды руаджы ӕххӕст цӕуы стабилон ӕхсӕнадон-политикон уавӕр ӕмӕ хъахъхъӕнынады бын сты республикӕйы националон интерестӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Гаглойты Алан снысан кодта куысты сӕйраг бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ уӕлдай хъусдард аздӕхта 2026 азмӕ архайды приоритеттӕм.
Президент бахахх кодта, уавӕр кӕй домы стыр дисциплинӕ ӕмӕ эффективон куыст.
РХИ президент бӕрзонд аргъ скодта ПӔК-ы куыстӕн 2025 азы