РХИ президент раарфӕ кодта Милицийы тагъд архайды къорды кусджытӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта Милицийы тагъд архайды къорды кусджытӕн дӕлхайады сӕвзӕрды 23-ӕм афӕдзы боны цытӕн.
Паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, къорд кӕй у бӕстӕйы фидар цӕджындз фыдракӕндты ныхмӕ тохы.
"Сымах тох кӕнут фыдракӕндтӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон ӕдасдзинады тӕссагдзинӕдтимӕ, ӕххӕст кӕнут сабырад бӕстӕйы", - фехъусын кодта президент.
Гаглойты Алан уӕлдай бузныджы ныхӕстӕ загъта Милицийы тагъд архайды къорды ветерантӕн, кӕцытӕ лӕууыдысты къорды арӕзтады бындуры ӕмӕ дӕттынц сӕ фӕлтӕрддзинад хӕстонты кӕстӕр фӕлтӕрӕн.