ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдты къорд "Скӕсӕн"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты рӕстӕджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Бобылевка Сумыйы областы. Ӕфсӕдты къорд "Днепр"-ы хӕстонтӕ та ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Веселянка Запорожаг областы, хъусын кӕны Уӕрӕсейы Федерацийы хъахъхъӕнынады министрад.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, фронты ацы фадгуыты размӕбырстон архӕйдтытӕ сӕххӕст кодтой штурон дӕлхӕйттӕ ӕмӕ артиллерийы иумӕйаг куысты руаджы.