ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 32 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 32 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 21 Волгограды областы, фӕйнӕ цыппар – Ростовы ӕмӕ Белгороды областты, дыууӕ дроны ӕрыппӕрстой Астраханы областы ӕмӕ иу та – Курскы областы" - дзырдӕуы хъусинаджы