ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik. Уӕрӕсейы транспорты министрад фехъусын кодта, Украинӕ Ливийы донбылтӕй кӕй фехста уӕрӕсейаг газ ласӕн нау Зӕххастӕуы денджызы.
"Ӕртыккӕгӕм марты Евроцӕдисы уӕнг – Республикӕ Мальтайы территориалон доны цур атакӕ скодтой уӕрӕсейаг нау "Арктик Метагаз". Танкер цыд ӕхсӕнадӕмон фӕткмӕ гӕсгӕ арӕзт уаргъимӕ Мурманскы портӕй", - банысан кодтой уагдоны.
Экипажы 30 уӕнджы фервӕзын кодтой.
Уӕрӕсейы транспорты министрады банымадтой ацы цау куыд ӕхсӕнадӕмон терроризмы акт.