УУМ æрсидт шофыртæм, цæмæй хъавгæ цыд кæной Транскамыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 мар – Sputnik. Транскавказаг автомагистралыл æртыццæджы ис ихцъар фæндаг, шофыртæ хъуамæ хъавгæ цыд кæной, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уæвлæткон уавæрты мнистрады (УУМ).
"Трассæйыл ис ихцъар фæндаг, уый фæдыл министрад сиды шофыртæм, цæмæй хъавгæ цыд кæной", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уæззау фæндагон уавæртæм æнæкæсгæйæ, магистраль кусы штатон режимы, æнæ арæнæвæрдтæй, бафтыдтой уагдоны
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.