Гаглойты Алан фӕдзырдта Бадра Гунбамӕ Абхазы уӕлдӕфон тыгъдад фехалыны хъусинаджы фӕстӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан телефонӕй фӕдзырдта Абхазы президент Бадра Гунбамӕ республикӕйы тыгъдад ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕ кӕй фехӕлдтой, уый фӕдыл информаци куы фӕзынд, уый фӕстӕ, фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Гаглойты Алан фӕдзырдта йӕ абхазаг коллегӕмӕ, цӕмӕй базона республикӕйы уавӕр. Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, Хуссар Ирыстон йӕ цӕст дары уавӕрмӕ ӕмӕ лӕууы ӕфсымӕрон республикӕ ӕмӕ йӕ адӕмы фарсмӕ", - радзырдтой пресс-службӕйы.
Раздӕр куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй цыппӕрӕмы Абхазы уӕлдӕфон тыгъдад фехӕлдтой 30 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдоны фылдӕр хай скуынӕг кодтой денджызы сӕрмӕ.