ЦХИНВАЛ, 6 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар кусæгон балцы фæлгæтты Мæскуыйы фембæлд Венесуэлайы минæвар Уæрæсейы Хесус Рафаэль Саласар Веласкесимæ.
Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй фарсытæ банысан кодтой тырнындзинад Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлайы ахастыты дарддæры райрæзтмæ. Саласар Веласкес радзырдта Джиоты Æхсарæн бæстæ æмæ регионы ныры уавæры тыххæй.
Уымæй дарддæр Джиоты Æхсар хайад райста Уго Чавесы амæлæты 13-æм афæдзы боны цытæн мадзалы Мæскуыйы.
Мæскуыйы ацыд Хуссар Иры ФХМ сæргълæууæг æмæ Венесуэлайы минæвары фембæлд
© Photo : Пресс-служба МИД Южной Осетии