Цхинвалы байгом уыдзæн равдыст Хуссар Иры сылоймаг-патриотты тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 мар – Sputnik, Тедеты Виктория. Хуссар Ирыстоны Национ музей цæттæ кæны Сылгоймæгты æхсæнадæмон боны цытæн равдыстмæ. Экспозицийы сæйраг темæ уыдзысты сылгоймæгтæ-патриоттæ, кæдон бахастой егъау хайбавæрд республикæйы истори æмæ райрæзтмæ.
Хуссар Ирыстоны Национ музейы директор Зассеты Мераб куыд радзырдта, афтæмæй равдыстмæ спайда кæндзысты 8 марты темæтикæйы тыххæй сæм цы æппæт æрмæджытæ ис, уыдон.
"Уæлдай хъусдард здæхт уыдзæн Хуссар Ирыстоны истори æмæ нырыккон райрæзтмæ егъау хайбавæрд чи бахаста, уыцы сылгоймæгтæм. Уыдон сты стыр гоймæгтæ, æмæ сæ нæмттæ æмæ æнтыстытæ хъуамæ уой зындгонд", - загъта Зассеты Мераб.
Равдыстмæ цæттæкæнынад фæуыдзæн 7 марты, гом та уыдзæн 12 марты онг.