ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik. Зынгфæдисонтæ ахуыссын кодтой зынгсирвæзт Цхинвалы 8 Июны уынгыл, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
"Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зынгсирвæзт æрцыд хæлд газы ифтонггарзы тыххæй", - банысан кодтой уагдоны.
Зынгсирвæзты фæдыл хъусинаг æрбацыд радгæсон хайадмæ майрæмбоны райсомæй. Цауы бынатмæ ацыд фыццæгæм зынгфæдисон хайады къорд, уыдон æвæстиатæй ахуыссын кодтой арт, радзырдтой министрады.