ЦХИНВАЛ, 6 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 83 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 83 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 56 Хъырымы Республикӕйы, фӕйнӕ авд дроны скуынӕг кодтой Воронежы областы ӕмӕ Азовы денджызы акваторийы, фондз – Сау денджызы акваторийы, цыппар – Курскы областы, дыууӕ дроны скуынӕг кодтой Краснодары крайы ӕмӕ фӕйнӕ иу та – Астраханы ӕмӕ Белгороды областты" - дзырдӕуы хъусинаджы.