Хуссар Иры февралы æрцахстой 25 арæнхалæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) Арæнхъахъхъæнæн службæ февралы æрцахста 25 арæнхалæджы. Уагдоны пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй фæткхалджытæй фондз фехæлдтой паддзахадон арæны режим æмæ 20 адæймаджы та – арæнгæрон режим.
Нысангонд æрцыд, алкæцы цауы фæдыл дæр кæй ауагътой равзæрсттæ.
"Равзæрстты фæстиуæгæн авд адæймаджы æрбаздахтой административон бæрндзинадмæ æмæ ныр бафиддзысты ивартæ, 18 адæймаджы та бафæдзæхстой", - загътой пресс-службæйы.
Уагдоны бафæдзæхстой, зæгъгæ, паддзахадон арæны барадон режимтæ фехалыны тыххæй ис административон æмæ уголовон бæрндзинад.