Хуссар Иры МХМ-ы радзырдтой ивгъуыд къуырийы оперативон уавӕры тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри милици не срегистраци кодта фыдракӕндтӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Иу къуыримӕ республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд цыппар фӕндагон-транспортон цауы, авариты фӕстиуӕгӕн дыууӕ адæймаджы госпитализаци скодтой рынчындонмӕ буары цæфтимæ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 220 фӕткхалды, фондз шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.