ЦХИНВАЛ, 10 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 17 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 17 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй фараст Хъырымы Республикӕйы, фондз – Белгороды областы ӕмӕ ӕртӕ дроны та ӕрыппӕрстой Курскы областы" - дзырдӕуы хъусинаджы.