ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан тӕфӕрфӕс ракодта Брянскы областы губернаторӕн сабыр цӕрджыты амӕлӕты фӕдыл.
"Хуссар Ирыстоны адӕм ӕмӕ мӕхи номӕй тӕфӕрфӕс кӕнын Брянскы цы трагеди ӕрцыд, уый фӕдыл. Ракетон цӕфы фӕстиуӕгӕн фӕмард сты ӕхсӕз сабыр цӕрӕджы ӕмӕ ноджы дӕсгай адӕм та райстой цӕфтӕ", - дзырдӕуы тӕфӕрфӕсы тексты.
Гаглойты Аланы зӕрдӕ загъта ӕппӕт зианбаййафджытӕн, цӕмӕй тагъддӕр сӕнӕниз уой.