ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры фыццаг хӕдивӕгӕй снысан кодтой Зассеты Майяйы. Ӕмбӕлон скъуыддзаг рахастӕуыд хицауады рабадтыл ӕртыццӕджы.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан банысан кодта, Зассеты Майяйӕн кӕй ис стыр фӕлтӕрддзинад паддзахадон граждайнаг службӕйы.
Министр банысан кодта, ног хӕдивӕджы хӕстӕм кӕй хаудзӕн хостӕй ифтонгкӕнынад фӕхуыздӕр кӕнын дӕр.
Зассеты Майя
© Sputnik / Михаил Авагимов
Уымӕй дарддӕр Кокойты Русланы снысан кодтой хицауады аппараты сӕргълӕууӕджы хӕдивӕгӕй.
Зозиты Эдуарды та снысан кодтой Цхинвалы администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕгӕй. Мэры ног хӕдивӕг кусдзӕн цӕрӕнуатон политикӕйы фарстытыл.
Оттаты Андрейы йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ ссӕрибар кодтой фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты сӕрдары хӕдивӕджы бынатӕй.
Зозиты Эдуард
© Пресс-служба Правительства РЮО