РХИ президент бахӕс кодта райдайын хӕрзарӕзтадон куыстытӕ Джеры кувӕндонмӕ фӕндагыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахӕс кодта райдайын асфальт ӕвӕрыны куыстытӕ Джеры кувӕндонмӕ фӕндагыл. Паддзахады сӕргълӕууӕг радта ӕмбӕлон хӕслӕвӕрд арӕзтады министр Цоциты Зауырӕн, цӕмӕй бакуса фарстыл ӕмӕ куыстытӕ райдайой ацы аз.
Афтӕ ма асфальт сӕвӕрын фӕнд кӕнынц кувӕндонӕй Църуйы хъӕумӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕг бузныг загъта уӕрӕсейаг коллегӕтӕн, уыдонимӕ ӕмархайды руаджы ацы фарст бахастой инвестицион программӕмӕ.
Уымӕй дарддӕр хӕрзарӕзтадон куыстытӕ бакӕндзысты горӕты цады алыварс территорийыл. Цоциты Зауыр фехъусын кодта, цады хӕрзарӕзтады фӕдыл проектон документтӕ цӕттӕ уыдзысты ӕввахс рӕстӕджы.
Уымӕй дарддӕр, ацы аз горӕт Къуайса сифтонг кӕндзысты нуазыны донӕй.