ЦХИНВАЛ, 12 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы ӕхсӕн ӕввахс рӕстӕджы райдайдзӕн ӕмархайд фӕсивӕдон организациты хаххыл, фехъусын кодта Sputnik-ы брифингы рӕстӕджы республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар.
"Ӕмбӕлон хъӕппӕрис мах райстам нӕ сириаг коллегӕтӕй. Ацы информаци ӕввахс рӕстӕджы фӕхӕццӕ кӕндзыстӕм РХИ фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитетмӕ, ӕмӕ мӕ ныфс ис, кӕй нын бантыстдзӕн райтынг кӕнын ӕмархайд фӕсивӕдон организациты хаххыл", - банысан кодта министр.
Джиоты Ӕхсар бафтыдта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон кусы Сириимӕ ӕндӕр здӕхтыты дӕр, "процесс иу ран нӕ лӕууы".