РХИ президент фембæлд СÆО-йы хайадисæг Хæбæлаты Аланимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисæг Хæбæлаты Аланимæ.
Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта хæстонæн йæ иузæрдион службæ æмæ хъæбатырдзинады тыххæй, кæцы уый æвдисы фронты.
"Райгуырæн бæстæ сæрыстыр у дæхуызæн хъайтартæй. Мах стыр аргъ кæнæм уæ хайбавæрдæн иумæйаг хъуыддагмæ. Æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй тагъд рæстæджы уæлахихизимæ æрцæуат", - загъта президент.
Хæбæлаты Алан йæхирдыгæй бузныг загъта Гаглойты Аланæн иудадзыг æхуыссы тыххæй сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн.
Паддзахады сæргълæууæджы барамындæй Хæбæлаты Аланы схорзæхджын кодтой "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн майданæй".