Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 80 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 80 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 80 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 30 Краснодары крайы, 14 – Хъырымы Республикӕйы, 10 дроны ӕрыппӕрстой Ростовы областы, фӕйнӕ фондз – Брянскы ӕмӕ Белгороды областты, ӕртӕ – Курскы областы ӕмӕ дыууӕ дроны та скуынӕг кодтой Калугайы областы. Афтӕ ма аст дроны ӕрыппӕрстой Сау денджызы акваторийы ӕмӕ дыууӕ та – Азовы денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 83 украинӕйаг дроны