ЦХИНВАЛ, 13 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан майрæмбоны фембæлд фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ.
"Фембæлды рæстæджы дзырд цыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад чи банымадта, уыцы бæстæтимæ æмархайд сфидар кæныныл, афтæ ма æндæр паддзахæдтимæ дипломатон контакттæ рацæрæх кæныны нывæстытыл. Уæлдай хъусдард здæхт уыд Уæрæсейы Федерациимæ æмгуыстад æмæ интеграцион процесстæ дарддæр райтынг кæныныл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Министр радзырдта республикæйы сæургълæууæгæн уагдоны ныры куыст æмæ дарддæры æхсæнадæмон контактты тыххæй.