Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 176 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 176 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 176 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 80 Хъырымы Республикӕйы, 29 – Адыгейы, 25 – Краснодары крайы, 18 дроны ӕрыппӕрстой Азовы денджызы, авд – Ростовы областы, фондз – Курскы областы, ӕртӕ – Ставрополы крайы ӕмӕ фӕйнӕ дыууӕ дроны та скуынӕг кодтой Брянскы областы ӕмӕ Сау денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 80 украинӕйаг дроны