Ленингоры районы аварион хид сцалцæг кæндзысты ацы аз

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik. Ленингоры районы æвæстиатæй райдыдтой цалцæг кæнын хид. Арæзтады министр Цоциты Зауыры ныхæстæм гæсгæ, хиды конструкцитæ сты кæлæтдзаг уавæры, уый фæдыл гæнæн ис мауал сфæраза уалдзыгон донивылдтæ.
"Хид гæнæн ис сцалцæгæн кæнын, цæмæй сфæраза уалдзыгон донивылдтæ æмæ нырма бирæ рæстæг фæкуса", - загъта министр хицауады рабадтыл.
Цоциты Зауыр бафæдзæхста, зæгъгæ, куы фæфæстиат кæной, уæд куыстытæ зынаргъдæр рацæудзысты.
Министр бафтыдта, зæгъгæ, районы къухдариуæгадимæ æрдзырдтой мадзæлтты комплексыл, æмæ цæмæй рæстæг ма сафой, уый фæдыл куыстытæ райдыдтой проектон-сметон документаци сфидар кæныны размæ.