ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕнд кӕнынц ауадзын зиу республикӕйы ӕппӕт территорийыл – уынгтӕ, фӕндӕгтӕ, парктӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон тыгъдадты ӕфснайд, загъта хицауады рабадтыл премьер-министр Тадтаты Дзамболат.
"Ӕппӕт республикӕйы ис проблемӕтӕ быронимӕ. Мадзӕлтты комплекс хъуамӕ здӕхт уа комфортон уавӕртӕ саразынмӕ", - загъта хицауады сӕрдар.
Тадтаты Дзамболат банхъардта ӕрыздӕхын иудадзыг массон зиутӕм.