Президент раарфӕ кодта ПТРК "Ир"-ы коллективӕн уагдоны сӕвзӕрды 32-ӕм афӕдзы боны цытӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 мар – Sputnik. Паддзахадон телерадиокомпани "Ир" йӕ сӕвзӕрды бонӕй ссис Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн ирвӕзынгӕнӕг хуры тын, кӕцы ӕрбаиу кодта адӕмы, фехъусын кодта президент Гаглойты Алан йӕ арфӕйы телы ПТРК коллективӕн уагдоны сӕвзӕрды 32-ӕм афӕдзы боны цытӕн.
"Нӕ адӕмӕн уӕззау периоды сӕ хъуыддаджы энтузиасттӕ, активон граждайнаг позициимӕ адӕм сарӕзтой телеуынынад информацион блокадӕйы уавӕрты. 1994 азы ПТРК "Ир" ссис ирвӕзынгӕнӕг хуры тын, кӕцы ӕрбаиу кодта адӕмы ӕмӕ дӕтта рӕстаг информаци бӕстӕйы цауты тыххӕй", - банысан кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Компани 32 азмӕ рацыд райрӕзты егъау фӕндаг ӕмӕ ссис информацийы сӕйраг ратӕдзӕнтӕй иу, бахахх кодта президент.