ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik. Паддзахадон регистраци, кадастр æмæ картографийы Федералон службæ æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон реестр фæнд кæнынц бафыссын æмгуыстады фæдыл бадзырд, фехъусын кодта юстицийы министр Джиоты Алан республикæйы хицауады рабадтыл.
"Росреестр æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон реестр бафысдзысты бадзырд. Документмæ гæсгæ уæрæсейаг коллегæтæ æмххуыс кæндзысты РХИ паддзахадон реестрæн æмæ модернизаци скæндзысты кадастрон системæ", - банысан кодта Джиоты Алан.
Документ фæнд кæнынц бафыссын фидæн къуыри. Куыстыты лæмбынæг нывæст нырма нæ фехъусын кодтой.