ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 145 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 145 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 53 Мӕскуыйы регионы, 38 Брянскы областы, 11 дроны ӕрыппӕрстой Ярославлы областы, аст – Калугайы областы, авд – Смоленскы областы, фӕйнӕ фондз дроны скуынӕг кодтой Ростовы ӕмӕ Ульяновскы областты, цыппар – Тверы областы, фӕйнӕ ӕртӕ – Воронежы, Кострома ӕмӕ Хъырымы ӕмӕ дыууӕ та – Волгограды областы" - дзырдӕуы хъусинаджы.